Зонды къуыбар |
|
РХИ-ы иумӕйагахуырадон скъолаты 8 къласы ахуыргӕнинӕгтӕн Республикон интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар» -ы тыххӕй УАГӔВӔРД
Скачать:
Интеллектуалон хъазт у, ахуырадон хъомылады организацийы процессы нырыккон уавӕрты райрӕзты формӕтӕй иу. Хъазт «Зонды къуыбар» ӕппӕт бӕрцӕй ӕмбӕлон у ахуыргӕнинӕгты интеллекты райрӕзтӕн. Уый йӕ архайд иумӕйаг аразы скъолайы райрӕзты сӕйрагдӕр здӕхтытӕм гӕсгӕ. Хъазты нысан - ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн ахсджиаг мадзал цырынгӕнӕн, ахуырмӕ, архайдмӕ сӕ разӕнгард кӕны, ӕфтауы сӕ архайдыл сӕрибар рӕстӕджы. 1. Иумӕйаг уагӕвӕрдтӕ 1.1. Ацы уагӕвӕрд (дарддӕр-Уагӕвӕрд) бӕрӕг кӕны Республикон хъазт «Зонды къуыбар»-ы организаци ӕмӕ ауадзыны фӕтк РХИ иумӕйаг ахуырадон скъолатӕн 8-ӕм къласы ахуыргӕнинӕгтӕн. 1.2. Уагӕвӕрд ӕвдисы организацион ӕмӕ методикон хъазты ифтонгад, иумӕйаг ахуырадон уагдӕтты ахуыргӕнинӕгты архайды уаг. 1.3. Уагӕвӕрд бӕлвырд кӕны уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты сбӕрӕг кӕныны фӕтк. 2. Хъазты сӕйраг нысан 2.1. Интеллектуалон ӕмӕ мононон потенциалы райрӕзт ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн. 2.2. Бӕлвырд системӕ курдиатджын ахуырдзауты сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ равзӕрстӕн. 2.3.Ахуырдзауты бӕрзонд ахуырадон домӕнтӕ ирон ӕвзаджы, литературӕйы, бӕстӕзонынады, культурӕйы, ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ традициты сбӕрӕг кӕнын. 3. Хъазты сӕйрагдӕр хӕслӕвӕрдтӕ. 3.1. Ахуырдзауты интеллектуалон ӕмӕ хӕрзвӕткон-онгзмӕлдон райрӕзтӕн саразын иууыл бӕрзонддӕр хӕрзвадӕттӕ. 3.2. Курдиатджын ахуырдзауты сфӕлдыстадон архайдмӕ цырын кӕнын. 3.3. Ирон ӕвзаджы, литературӕйы, ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ традициты, историйы, бӕстӕзонынады, культурӕйы ахуыргӕнинӕгты зонӕнтӕ ӕмӕ дунеӕмбарынад рауӕрӕх кӕнын. 4. Мидис ӕмӕ архайды бындурон здӕхтытӕ. Интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар» -ы архайды организаци ӕххӕст цӕуы ахӕм здӕхтыты: 4.1. Ирон ӕвзаг. 5.1. Организацийы иумӕйаг къухдариуӕгадӕй, хъазт «Зонды къуыбар », Ахуырад ӕмӕ зонӕдты министрады фӕдзӕхстӕй ӕххӕст кӕны АУӕА ПАУа «Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуан», номхуындӕй та:
6.4. Спонсорон финансон системӕйӕн формӕ раттын, курдиатджын ахуырдзауты, ӕппӕты хуыздӕр фӕстиуджытимӕ хъазт «Зонды къуыбар»-ы, материалон ӕгъдауӕй разӕнгард кӕнынӕн. 7. Хъазты этаптӕ. 7.1. Ӕвзарæн тур:республикӕйы скъолатӕй 8-ӕм кълӕсты ахуыргæнинæгтӕй хъазын кæй фæнды, уыдонæн бар ис хайад райсын интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар»-ы. 1-аг турмӕ хизынц хайадисджытаей фылдӕр хуры тынтæ чи райта, уыдон. Ахӕм фӕткыл уагъд цӕуынц 1-аг ӕмӕ 2-аг туры хъӕзтытӕ. 7.2. 2-аг туры хаттдзӕгтӕм гӕсгӕ бӕрӕг кӕнынц 24 финалисты. 7.3. Финалы хаттдзӕгтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст цӕуы 4 уӕлахиздзауы, кӕцытӕн лӕвӕрд цӕуы титул «Зонды къуыбар». 7.4. 24 финалисты суыдзысты Æвзонг Академийы уæнгтæ Уанеты Захары номыл ПБЗУ-йы бындурыл. ЭКСПЕРИМЕНТАЛОН ИНТЕЛЛЕКТУАЛОН ХЪАЗТ «ЗОНДЫ КЪУЫБАР»4 КЪЛАСЫ АХУЫРГӔНИНӔГТӔН УАГӔВӔРД Хъазты хӕс: Интеллектуалон хъазт у, ахуырадон хъомылады организацийы процессы нырыккон уавӕрты райрӕзты формӕтӕй иу. Хъазт «Зонды къуыбар» ӕппӕт бӕрцӕй ӕмбӕлон у ахуыргӕнинӕгты интеллекты райрӕзтӕн. Уый йӕ архайд иумӕйаг аразы скъолайы райрӕзты сӕйрагдӕр здӕхтытӕм гӕсгӕ. 1. Иумӕйаг уагӕвӕрдтӕ 1.1. Ацы уагӕвӕрд (дарддӕр-Уагӕвӕрд) бӕрӕг кӕны хъазт «Зонды къуыбар»-ы организаци ӕмӕ ауадзыны фӕтк РХИ иумӕйаг ахуырадон скъолатӕн 4-ӕм къласы ахуыргӕнинӕгтӕн. 1.2. Уагӕвӕрд ӕвдисы организацион ӕмӕ методикон хъазты ифтонгад, иумӕйаг ахуырадон уагдӕтты ахуыргӕнинӕгты архайды уаг. 1.3. Уагӕвӕрд бӕлвырд кӕны уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты сбӕрӕг кӕныны фӕтк. 2. Хъазты сӕйраг нысан 2.1.Хъазты нысан - ахуыргӕнинӕгты 'хсӕн ахсджиаг мадзал цырын кӕнын, ахуырмӕ, архайдмӕ сӕ разӕнгард кӕнын. 2.2. Бӕлвырд системӕ курдиатджын ахуырдзауты сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ равзӕрстӕн. 2.3.Ахуырдзауты бӕрзонд ахуырадон домӕнтӕ ирон ӕвзаджы, литературӕйы, культурӕйы, ирон ӕгъдӕутты ӕмӕ традициты сбӕрӕг кӕнын. 3. Мидис ӕмӕ архайды бындурон здӕхтытӕ 3.1. Ирон ӕвзаг. 4. Интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар»-ы организатор 4.1. Хъазты организаци ӕмӕ къухдариуӕгад ӕххӕст кӕны ПАУа «Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуан»
Опубликованно: 06-10-2019, 11:53 |
|
|