Нӕхи Къоста
Кӕфты мӕйы дыууын фыццæгæм боны Сывӕллӕтты сфӕлдыстады Галуаны уагъд ӕрцыд мадзал «Нӕхи Къоста», Ирыстоны зынгӕ поэты райгуырдыл 163 азы кӕй сӕххӕст, уый цытӕн.
Мадзал бацæттæ кодта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны аивадон хъомылады хайад.
Бæрæгбонон мадзалы активон хайад райстой æрыгон нывгæнджытæ, хореографион къорды хъомылгæнинæгтæ ӕмӕ зарӕджы къорд «Айзӕлд». Къостайы уацмыстӕм гӕсгӕ бацæттæгонд æрцыд сывæллæтты нывтæй конд равдыст.
Зарыны къорд сæххæст кодта зарджытӕ куыд сæ уарзон поэтыл, афтæ ма Къостайы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ дæр. Мадзалы хайадисæг сывæллæттæй алкæцыдæр бакасти æмдзæвгæ «Ирон фæндыр»-æй.
Галуаны аивадон хъомылады ахуыргæнджытæ ма бацæттæ кодтой равдыст Къостайӕн йӕхи конд нывтӕй дæр.
Бæрæгбонмæ хуынд ӕрцыдысты сывӕллӕтты ныййарджытӕ ӕмӕ Галуаны иннӕ къордты минӕвӕрттӕ сӕ ахуыргӕнджытимӕ.
Мадзал бацӕттӕ кодтой Галуаны ахуыргæнджытæ: Дзигойты Марина, Хъотайты Салимæт, Уалыты Кристинæ ӕмӕ Хъошыты Нинель. Ныййарджытӕ ӕмӕ ӕрыгон кӕсджытӕ баззадысты тынг райгондӕй бацӕттӕгонд мадзалӕй